Сидамон-Эристави, Валериан Владимиры фырт

Валериан Владимиры фырт Сидамон-Эристави
Изображение
Райгуырды датæ 1889-æм азы 20 июны(1889-06-20)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1943-æм азы 29 июны(1943-06-29) (54 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Валериан Владимиры фырт Сидамон-Эристави (райгуырдис 1889-æм азы 20 июны Хъуарелы — амардис 1943-æм азы 29 июны Тбилисы) уыдис гуырдзиаг-советон нывгæнæг, график, карикатурист, кинохудожник. Театралон-декоративон аивады бындурæвæрджытæй иу. Тбилисы аивæдты академийы профессор (1838). Гуырдзыстоны ССР-йы аивæдты сгуыхт кусæг (1943).

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис Хъуарелы зындгонд уæздан мыггагæн. 1907-æм азæй ахуыр кодта Мæскуыйы нывгæнджыты училищейы, аст азы дæргъы дзы фæахуыр кодта. Йæ ахуыргæнджыты ’хсæн уыдысты раззаг нывгæнджытæ Абрам Архипов, Аполлинарий Васнецов, Николай Касаткин. Йæ ахуыры рæстæг-иу рæстæг ссардта гуырдзиаг режиссёртæ Цуцунаев æмæ Шаликашвилийы пьесæты архайынæн[1].

Ус-паддзах Тамар. 1917 азы конд ныв

1915-æм азы раздахтис Гуырдзыстонмæ, кусын райдыдта газет «Сакартвело»-йы, кæцыйы фæрстыл цыдысты йæ нывтæ: карикатурæтæ, æрвылбоны цардæй нывтæ, историон композицитæ æмæ аллегоритæ. Уый йеддæмæ куыста чиныгуадзæны дæр.

1917-æм азæй фæстæмæ сарæзта цалдæр стыр нывы гуырдзиаг историйы тыххæй. Уыдоны ’хсæн зындгонддæр сты «Ус-паддзах Тамар» (1917), «Ираклий II фыццаг тох лекъæгтимæ» æмæ «Крцанисы тох» (1919).

1918-æм азы Сидамон-Эристави райста хонæг Гуырдзиаг театрмæ, куыста дзы 1925-æм азы онг. Йæ нывтæ срæсугъд кодтой бирæ спектакльты..

1922-æм азæй 1935-æм азы онг куыста кинематографы, йæ куыстытæ фæзындысты ссæдз фильмæй фылдæры, уыдоны ’хсæн «Ханума» (1926), «Княжна Мери» (1926) «Трубка комунара» (1929), «Моя бабушка» (1929).

1925-æм азæй 1943-æм азы онг амыдта Гуырдзыстоны аивæдты академийы, 1938-æм азæй уыдис йæ профессор. Йæ уæды ахуыргæнинæгты ’хсæн Сомихы ССР-йы сгуыхт нывгæнæг Мкртич Камалян (1915—1971) æмæ Гуырдзыстоны адæмон нывгæнæг Аннæ Шаликашвили (1919—2004).

Амардис Тбилисы 1943-æм азы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дворянские роды Российской Империи. М., 1998. Т.4. С. 199—200.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Каталог выставки произведений художника Валериана Владимировича Сидамон-Эристави [Текст] : театрально-декоративное искусство, живопись, графика / М-во культуры Грузинской ССР [и др.] ; [кат. сост.: Цисана Габуния]. — Тбилиси : [б.и.], 1974.