Шаракан

Шарака́н — Сомихаг рагондæр дины æмдзæвгæты æмбыдргонд, кæдон сфæлдыстой V-æм æнусæй XIII-æнусмæ периоды. Сомихаг историон традици бæтты Шараканты фæзынды райдиан Месроп Маштоцы æмæ Саак Партевы нæмттимæ. Нырыккон иртæсджытæ та уыцы хъуыды нымайынц æнæбæлвырдыл. Бæлвырд æмæ бирæ нысаниуæгджын шираканты автортæ сты католикос Саак II (VI-æм æнус), католикос Комитас Ахцеци (VII-æм æнус), католикос Ованес III Одзнеци (VIII-æм æнус)[1], Степанос Сюнеци (VIII-æм æнус), католикос Петрос I Гетадарц (XI -æм æнус), католикос Нерсес Шнорали (XII-æм æнус), Нерсес Ламбронаци (XII-æм æнус), Хачатур Таронаци (XII-æм æнус), Ованес Ерзнкаци Плуз (XIII-æм æнус). Аргъуаны гимнты фыццаг æмбыдргонд сарæзта Погос Таронеци в XI-æм æнусы, раст уый йæ æмбыргонд схуыдта «Шаракан»[2]

Афтæ ма хуыйны æмдзæвгæ (зарæг) уыцы æмбырдгондæй. Зарджытæ (шаракантæ) иу кæнынц шаркиты — рæгътæ, аргъуаны къæлиндарæй бæрæг бонæн нывондгонд. Шаркты æмбырдгонд — шаракноц.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Vahan M. Kurkjian. / A History of Armenia. — Indo-European Publishing, 2008. — 412 с.
  2. The Armenian Mekhitarist congregation. The artistic expression of the Armenian people. Music Архивная копия от 5 ноября 2013 на Wayback Machine.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Шаракан / Тагмизян Н. К. // Хейнце — Яшугин. Дополнения А — Я. — М. : Советская энциклопедия : Советский композитор, 1982. — (Энциклопедии. Словари. Справочники : Музыкальная энциклопедия : [в 6 т.] / гл. ред. Ю. В. Келдыш ; 1973—1982, т. 6).

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]