Донбеттыр

Донбеттыр
Тип бардуаг
Æрд нæлгоймаг
Сывæллæттæ Дзерассæ, Донбеттыры чызг

Донбеттыр у дондунейы паддзах Нарты кадджыты, денджызты æмæ фурдты, стыр цæугæдæтты бардуаг. Цæры денджызты, фурдты бын. Ис ын бирæ чызджытæ[1].

Эпосы æвдыст цæуы, бирæ чызджытæ кæмæн ис, ахæм тызмæг лæджы хуызы. Нартæн æнгом бастдзинæдтæ ис Донбеттыримæ: йæ чызджытæй иу — Дзерассæ нарт Æхсæртæгимæ у домбай нæртон мыггаг Æхсæртæггаты рагмадæл. Донбеттыры хæдзары хъомыл кодтой Батырадз æмæ Уырызмæджы æнæном фырт, арæх æм уыдысты уазæгуаты дзырддзæугæ æмæ номдзыд нартæй бирæтæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.