Медойты Дмитри

Медойты Дмитри
Медойты Дмитри (галиу) æмæ Гасситы Знауыр
Медойты Дмитри (галиу) æмæ Гасситы Знауыр
Тырыса
Хуссар Ирыстоны 1-æм уæлрадон æмæ æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы
Тырыса
2009-æм азы 12 январы — 2015-æм азы 2 мартъийы
Президент Кокойты Эдуард
Тыбылты Леонид
Раздæр чи уыд бынат фæзындис
Фæстæдæр Гасситы Знауыр (дипломат)
Тырыса
Хуссар Ирыстоны Æддагон бастдзинæдты министр
1994 — 1996
Президент Цыбырты Людвиг

Райгуырдис 1960-æм азы 15 майы(1960-05-15) (64 азы)
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн политикон зонæдты кандидат[d]
Професси историк, дипломат
Хорзæхтæ
орден «За заслуги» орден «Честь и слава» орден Дружбы нагрудный знак МИД России «За вклад в международное сотрудничество»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Медойты Никъалайы фырт Дмитри (райгуырдис 1960-æм азы 15 майы Цхинвалы) у Хуссар Ирыстоны паддзахадон архайæг æмæ дипломат, Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1982-æм азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон-филологион факультет.

1986–1989-æм азты уыдис Гуырдзыстоны ССР-ы Зонæдты академийы Истори, археологи æмæ этнографийы институты аспирант.

1985–1994-æм азты — Хуссар Ирыстоны Гуманитарон иртасæнты Зонадон-иртасæг институты зонадон кусæг.

1990–1994-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы депутат.

1994–1996-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон бастдзинæдты мнистр.

2001-æм азы Медойы-фырт каст фæцис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатион академи (дæсныйад — «æхсæнадæмон ахастдзинæдтæ»).

2003-æм азы бахъахъхъæдта политологийы кандидатон диссертаци ахæм темæйæ: «Уæрæсейы политикæ Фæскавказы: проблемæтæ æмæ перспективæтæ».

2002–2005-æм азты — Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты бæрнлæг (уырыс. представитель) Уæрæсейы Федерацийы.

2005-æм азæй уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрнлæг (уырыс. представитель) Уæрæсейы Федерацийы.

2009-æм азы 12 январæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы.

Медойы-фырт зоны ирон, уырыссаг, персайнаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ.

Медойты Дмитри (галиуырдыгæй) Уæрæсейы Хъæбатыр Сергей Кобылашимæ. Мæскуы, 2010-æм азы февраль