Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциаци (англ. Self-Employed Women's Association of India) — индиаг æнæсаудæджерон организаци профцæдисы хуызы, кæцы иу кæны 1 милуан æмæ 500 мин сылгоймаджы Индийæ. Уыдон фидынц уæнгон бахастытæ. Сеппæтдæр сæхицæн кусынц хи куыстыл архайгæйæ кæнæ чысыл куыстуаттæн фæтк дæтгæйæ[1][2][3][4].
У организаци Ахсæнадæмон профсоюзты конфедерацийы уæнг[1].
Йæ архайды Ассоциаци йæ разы æвæры дыууæ нысаны:[5]
2015-æм азмæ Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциацийы структурæмæ хауд бирæ саудæджерон æмæ æнæсаудæджерон организацитæ. Сæрмагондæй банчы дæлхайад SEWA Bank æмæ фæдзæхстадон компани Vimco SEWA[5].
Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциаци бындурæвæрæг уыд Эла Бхатт 1972-æм азы.
Ассоциацийы сæрглæууæгтæ сты сылгоймæгтæ. Сæйраг куысты бынæттæ дих сты афтæ: Эла Бхатт (кадджын бындурæвæрæг), президент — Бханубен Данабхаи Соланки, президенты хæдивæг — Маналибен Шах; президенты хæдивæг — Манибен Харибхаи Патани; президенты хæдивæг — Гаурибен Рамабхаи Брахман; генералон секретарь — Джиотибен Макван; секретарь — Матталбен Шах; къазнадар — Намрата Бали[2].
Ассоциацийы сæйраг офис и Ахмадабады, Гуджараты, Индийы.
Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциацийы æппæт уæнгтæ дих конд сты цыппар хуызыл цы куыст кæнынц, уымæ гæсгæ: хæдзары кусджытæ, уæйгæнджытæ, товартæ хæлиу гæнджытæ, лæггæдтæ æввонггæнджытæ æмæ товартæ уазгæ чи кæны, ахæм чысыл куыстуæттæ.
Ассоциацийæн æххуыс кæны Æппæтдунеон банк.
1968-æм азы Эла Бхаттæйæн разæвæрдтой слæуын сылгоймæгты Индийы текстилон промышленности куысджыты Профцæдисы сæргъы[6][7][5].
Йæ куысты Элæйæн хъыг уыд, закъон хæдзары кусæг сылгоймæгты бартæ кæй нæ хъахъхъæдта, амалиуæгты кусджытимæ абаргæйæ. Уыцы фарст лыггæнынмæ Эла Бхатт бафæлвæрдта сылгоймæгты байу кæнын текстилон промышленности Профсцæдисы йæ президент Арвинда Башайы фæрцы[6][7][3]. 1972-æм азы та бындур æрывæрдта Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциацийæн. Арвинд Баш сси ног Ассоциацийы Президент, Эла Бхатт та 1972-æм азæй 1996-æм азмæ уыд йæ генералон нымæрдар[8][6].
Профцæдисы фыццаг уæнгтæ систы 600 уаргъæвæрæг сылгоймаджы, сæ сæрыл уæззæутæ чи хæссы, ахæмтæ.
2008-æм азы Ассоциацийы уæнгты нымæц фæфылдæр 966 139 адæймаджы онг, 2010-æм азмæ ссы милуанæй фылдæр[3], 2012-æм азы та иу милуан æмæ 400 мин адæймагæй уæлдæр ахызт[4].
Ассоциацийы тынгады фæрцы фæзынд бирæ коопративтæ æмæ æмбæладтæ. Иутæ æххуыс кæнынц хца дæтгайæ æмæ ахуыр кæнынæй, дæсныйад уæлдæркæнынæй æмæ медицинон лæггæдтæй. Иннæтæ ахуыр кæнынц сывæллæтты равдауæндæтты æмæ аразынц цæрæнуаты программæтæ[4].
1980-æм азы райдайæны Ассоциаци баныхас кодта индиаг хицауадимæ чи не æххæссы, уыцы мадæлтæн æххуыс дæттыны тыххæй[5].
2009-æм азы Ассоциаци йæ куыст кодта æнæниздзинады бирæ алыхуызон здæхты. Уый у медицинон лæггæдты лæвæрд 60 стационарон медицинон центрты æмæ змæлгæ медицинон легерьты фæрцы, санитарон рухс тауыны куыст, бынæттон афтекты аслам хосты уæй кæныны куыст, психикон æнæниздзинады хъахъхъæд, фыдæлтæй базайгæ хосты рауагд æмæ маркетинг[5].
Рæстæгмæ Хи куыстыл архайæг сылгоймæгты ассоциаци йæ тæфаг фæуæрæх кодта Индийæ дарддæр, змæлд сси æппæтдунеон. Ассоциаци сразæнгард кодта иннæ бæстæты цæрджыты дæр саразын ахæм организацитæ[4].