Хуыбылты Валерий | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1966-æм азы 6 ноябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1998-æм азы 31 майы (31 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | политик |
Хуыбылты Никъалайы фырт Валерий уыдис Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады бындуравæрæг, хъахъхъæнынады фыццаг министр æмæ политикон архайæг.
Хуыбылты Валерий райгуырдис 1966-æм азы Цхинвалы. Каст фæцис Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъола, ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты физикон-математикон факультеты. Уыдис Хуссар Ирыстоны Фæскомцæдисы фыццаг секретарь (1991).
Тох кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæсты. Хæст куы æрсабыр, 1994-98 азты уыдис Æмхæццæ контролон къамисы уæнг.
Амардтой йæ æбæрæг фыдгæнджытæ 1998-æм азы 31 майы Дзæуджыхъæуы.