Гæдиаты Секъа | |
---|---|
![]() | |
Фæсномыгтæ | Фæсхохаг |
Райгуырды датæ | 1855 |
Райгуырæны бынат | Æддаг Ганис, Тифлисы губернæ |
Мæлæты бон | 21 июлы (3 августы) 1915 |
Мæлæты бынат | Дзæуджыхъæу, Уæрæсейы импери |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа (райгуырдис 1855-æм азы, Æддаг Ганисы — амардис 1915-æм азы 3 августы (21 июлы), Дзæуджыхъæуы) у ирон поэт, ирон аив прозæйы бындурæвæрæг, у бирæ æмдзæвгæты автор.
Секъа райгуырдис Хъуды комы Æддаг Ганисы хъæуы мæгуыр хæххон бинонты ’хсæн 1855-æм азы. Йæ фыд Куыцыри иучысыл кодта фосы куыст, иучысыл та зæххы куыст.[1]
Секъайыл æстдæс азы куы сæххæст ис, уæд æй сæ хъæуы сауджын ахуыр кæнын райдыдта гуырдзиагау кæсын æмæ фыссыныл, стæй диакъоны куыстыл. Æстдæсаздзыд лæппуйæ Секъа кусын райдыдта Ганисы аргъуаны диакъонæй. Фæстæдæр уыцы куыст кодта Цæгат Ирыстоны хъæуты дæр: Хъахъхъæдуры (1882–1885), Бæтæхъойыхъæуы (1885), Джызæлы (1886–1908), Хохы Санибайы[2] (1908–1910).
1912-æм азы Секъа йæ бинонтимæ æрцардис Дзæуджыхъæуы.
1915 азы 21 июлы Секъа æвирхъау хуызы фæмардис Дзæуджыхъæуы цæнгæт хиды цур. Баныгæдтой йæ, «Мещанты уæлмæрд» кæй хуыдтой, уым. 1960-æм азты дæр ма бæрæг уыдис йæ ингæн, фæлæ йæм зилæг, цæстдарæг кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ худинаджы сæфт фæкодта.
Секъа æдзух куыста йæхиуыл, кастис гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ. Уый æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта XIX æнусы 70-тæм азты кæрон. Йæ уацмысты æвдыста ирон адæмы рагон царды цаутæ, æфхæрд адæмы хъысмæт. Арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, историон таурæгътæ æмæ æмбисæндтæй.
Революцийы агъоммæ Гæдиаты Секъайы иуæй-иу уацмыстæ мыхуыры зындысты ирон газетты æмæ журналты: «Ирон газет»-ы (Дзæуджыхъæу, 1906 аз, №4) — «Хорз сахат»; газет «Ног цард»-ы — «Айссæ» (Калак, 1907 аз, №17–18), «Фæдис» (№23), «Сагъæстæ» (№46), «Хазбийы фын» (№51) æмæ æндæртæ; газет «Хабар»-ы (Дзæуджыхъæу, 1907 аз, 1-2 номыртæ) — «Санибайы хæхтæ»; журнал «Зонд»-ы (Дзæуджыхъæу, 1907 аз, №1–2) — «Азау»; журнал «Чырыстон цард»-ы — «Чырыстийы „цъупп“» (Дзæуджыхъæу, 1911 аз, январь, 30–31 ф.ф.), «Санибайы авд гæналы» (1911 аз, февраль, 63 ф.) æмæ дæсгай æндæртæ. Секъайы уацмыстæй бирæтæ фæзындысты «Фæсхохаг», зæгъгæ, ахæм фæсномыгæй.
Хицæн чиныгæй фыссæгæн йæ къухы бафтыдис æрмæстдæр иу чысыл æмбырдгонд рауадзын (47 æмдзæвгæйы æмæ æмбисонды): «Ирон фыййау. Гæдиаты Секъайы дзымандытæ» (Дзæуджыхъæу, Суваловы типографи, 1905 аз). Мыхуырмæ цæттæгонд уыдысты æндæр æмбырдгæндтæ: «Ганис» (1906 аз), «Цæсты сыг» (1910) æмæ æндæртæ, фæлæ уыдонæй иу дæр рухс нæ федта. Хицæн чиныгæй Секъайы зынгæдæр прозаикон уацмыстæ фыццаг хатт рацыдысты 1947 азы Дзæуджыхъæуы, Ардасенты Хадзыбатыры комментаритимæ. Æппæты æххæстдæрæй Секъайы уацмыстæ рацыдысты Орджоникидзейы чиныгуадзæн «Ир»-ы 1981, 1988 азты (бацæттæ сæ кодта, разныхас æмæ фиппаинæгтæ ныффыста Мамиаты Надинæ).
Секъайы сфæлдыстад бæстонæй æвдыст у 1991-æм азы чиныгуадзæн «Ир»-ы цы чиныг фæзынди, уым дæр. Чиныгæн разныхас ныффыста Джыккайты Шамил. Уыцы рауагъдмæ бацыдысты фыссæджы фыстæджытæ дæр.
Секъайы зындгонддæр радзырд «Азау» æххæстæй мыхуыргонд не ’рцыдис 1922 азы онг (альманах «Малусæг», ф. 19-31), фыссæджы царды рæстæг фæзынди æрмæст уырыссагау йæхи тæлмацы бетъырбухаг журнал «Жизнь для всех»-ы (1914 аз, апрель, №4, ф. 537–551). Радзырды райдиæн мыхуыргонд æрцыдис журнал «Зонд»-ы дыууæ номыры (1907 аз), фæлæ журнал сæхгæдтой æмæ радзырд кæронмæ рауадзын къухы нæ бафтыд.
Секъа йæ уацмысты æвдисы адæмы тырнындзинад сæрибармæ, рæстдзинадмæ, рухс дунемæ. Хицæн адæймæгты æвзæр миниуджытæ калы хурмæ — расыгкæнын, давын, æргом дзуры хисты ныхмæ, нымайы йæ адæмыл мæгуырдзинад æфтауæг æгъдауыл. Секъа фауы иннæ ирон зианхæссæг æгъдæутты дæр — ирæд, тугисын, чызг скæфын æмæ æндæр ахæмтæ.
Секъайы диссаджы курдиат, сæйраджыдæр, разындис прозæйы. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц йæ радзырдтæ-таурæгътæ «Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстауы æлдар», «Айссæ», «Азау» æмæ æндæртæ.