Айдан Шенер | |
---|---|
тур. Aydan Şener | |
Райгуырды датæ | 1963-æм азы 1 мартъийы[1][2] (61 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад | |
Професси | актрисæ, модель |
IMDb | ID 1204165 |
Викикъæбицы медиа |
Айдан Шенер (тур. Aydan Şener; райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы) — туркаг модель æмæ киноактрисæ, хъуыстгонд у Феридейы ролæй сериалы «Нæзыцъиу — зараг цъиуы».
Айдан Шанер райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы чысыл сахар Килисы, Турчы хуссар-скæсæны. Айданы фыдырдыгæй хæстæджытæ ралидзгæ уыдысты Хъазанæй.[3] 1877-æм азы йæ фыдыфыды фыд цæмæй аргъуыд ма ’рцæуа уый тыххæй æд бинонтæ фæсарæнтæм алыгъдис. Уæд бирæ пысылмæттæ, цæмæй чырыстон дин ма райсой, уый тыххæй райгуырæн бæстæ уагътой æмæ лыгъдысты фæсарæнтæм.
Йæ мад у хъырымаг тæтæйраг.[кæцæй ист у?]
Айдан Шенер хæрзчысыл куы уыд, уæд йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Бурсæмæ, æмæ уым фæци каст астæуккаг скъола.
Æстдæсаздзыдæй Айдан Шенер рамбылдта хæрзуынддзинады конкурс «Мисс Турк» æмæ йæ бæстæйæ ацыдис конкурс «Дунейы Миссмæ» 1981-æм азы. Фæлæ уым коронæ саккаг кодтой венесуэлаг Пилин Леонæн. Титул «Турчы Мисс» куы райста, уæд йæхи æнтыстджынæй равдыста моделон бизнесы, уымæн æмæ пысылмон Турчы рæсугъд маникенщицæтæ арæх нæ уыдысты.[4] Арæх архайдта рекламæйы.
Тагъд рæстæджы æрцыдис йæ кинойы дебют. Уый уыдис Феридейы роль сериалы «Нæзыцъиу — зараг цъиуы» зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ, æмæ йын ацы роль æрхаста дунеон кад. Ныййарджытæ йæ ныхмæ нæ цыдысты æмæ йын алы сфæлдыстадон райдыды æххуыс кодтой. Консервативон туркаг æхсæнады реакци дæр разындис æвæрццæг. Æгæр хæрзæххæст уыдис Айданы героинæ, цæмæй йæ зæрдæмæ ма райстаиккой. Ныры рæстæгмæ ацы киноныв Турчы у тынг популярон. Æрвылаз æй февдисынц телеуынады.
1983-æм азы Айдан чындзы ацыдис Айхана Акбинмæ. Уæд уыдис Турчы иугонд комадæйы хъазæг футболæй. Фондз азы фæстæ сын райгуырдис чызг Эджем (тур. Ecem). Фæлæ 1991-æм азы ахицæн сты. Йæхæдæг Айдан куыд дзуры:
Мах ахицæн стæм уымæн, æмæ кæрæдзийы нæ бамбæрстам. Уый фæстæ дзурджытæ мыл бирæ уыдис, фæлæ мæ чындзы нал фæнды. |
Ныр цæрынц дыууæйæ йæ чызгимæ.
Айдан Шенер — пысылмон у, фæлæ царды пысылмон æгъдæуттыл карзæй нæ хæцы. Афтæ сæрбæттæн æмæ паранджа, зæгъæн ис, æмæ никуы дардта, нымадта сæйрагдæр у цæмæй Аллах уды уа. Хуыцау æй уырны, уырны йæ зæдты æххуыс зын сахаты, адæймаджы хъысмæт рагацау уынаффæгонд кæй у. Нымайы, сылгоймаг æмæ нæлгоймагæн иухуызон бартæ кæй хъуамæ уой.
Тынг уарзы цæрæгойты. Хæдзары йæм цæрынц дыууæ куыдзы.
Айдан Шенеры ном дунейыл айхуыстис, уарзондзинады тыххæй тæккæ хъуыстгонддæр чингуытæй иуы экранизацийы Феридейы ролы куы ахъазыдис, уæд. Уый уыдис зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ ист киносериал «Нæзыцъиу — зараг цъиу».
Актрисæйы иу хъуыстгонд куыст ма ссис сериал «Æрфæны фæд». Айдан ахъазыдис сæйраг ус-герой Зюлялы роль.
Йæ Муаллæ-ханым та кинонывæй «Нысангонд уардитæ» (тур. Mühürlü güller) — æртæ æмбал чызгæй иу, раздæр уыдысты кæй фæхонынц «æхсæвхиз гæлæбутæ» ахæмтæ, фæлæ кинонывæн уыдис амондджын кæрон.
Сæйрагдæр хъазыдис драмон æмæ мелодрамон сериалты. Айдан Шенер йæхæдæг куыд нымайы афтæ:
Турчы кинонывтæ ист цæуынц, фæлæ куыд фæнды афтæ бирæ не сты. Зæгъæн ис, æмæ нæм фаг профессионалон æмæ цымыдисаг актёртæ ис, фæлæ цæмæй цардæн бакусой, уый тыххæй хъуамæ кусой исты телепроектты кæнæ рекламæйы.[3] |
Арæх актрисæйы ис фенæн популярон шоутæ æмæ телеравдыстыты.
2004-æм азы Айдан Шенер Республикæ Тæтæрстаны Культурæйы Министрады хуындмæ гæсгæ бабæрæг кодта Хъазан. Уæрæсемæ æрбатахтис йæ фыдимæ, уый тынг фæндыдис йæ фыдæлты зæхх фенын. Актрисæ суазæг кодтой тæтæйраг-туркаг лицейы рауагъдон хъазтизæры, уыд æхсæнадæмон конференцийы Æппæтдунеон Евразийы сахарты бынты баконды, æмæ ма архайдта национ тæтæйраг бæрæгбон Сабантуйы.[3] Тæлмацгæнæгæй æрбахуыдтой Фатих Кутлуйы, уый тæлмац кæны туркагмæ нырыккон тæтæйраг авторты, æмæ у хъуыстгонд туркаг рок-зарæггæнæг Кемаль Кутлуйы æфсымæр. Фæстæдæр Айдан æмæ йæ фыд балымæн сты Фатихимæ.[5]
2007-æм азы актрисæ ногæй бабæрæг кодта Хъазан. Ацы хатт Айдан æрцыдис III-æм æхсæнадæмон пысылмон кинойы фестиваль «Сыгъзæрин минбар»-ы кадджын сыхгæдмæ. Мустафа Балчикимæ балæвар кодта æхсæнадæмон организаци ТЮРКСОЙы сæрмагонд лæвар киноныв «Бабай»-ы режиссёр Альберт Шакировæн.
Йе ’рбацыды тыххæй Айдан загъта афтæ:
Æз уыдтæн Хъазаны æртæ азы размæ æмæ æхсызгонæй æрбацыдтæн ардæм ногæй. Ацы фестиваль хæссы ахъаззаг бавæрд кинематографы райрæзтмæ.[6] |
Развæдгæнæг: Фахрийе Фунда Айлоглу |
Турчы Мисс 1981 |
Ивæг: Айше Бельгин Гювен |